филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:20 суббота, 28 сентября 2024
05 марта 2021, 14:25
Цæгат Ирыстоны культурæйы министрады паддзахадон ансамбль «Теркаг хъазахъхъæгтæ» ацы аз бæрæг кæндзæн йæ юбилей

Йæ равзæрдыл æххæст кæны 10 азы

Цæгат Ирыстоны культурæйы министрады паддзахадон ансамбль «Теркаг хъазахъхъæгтæ» ацы аз бæрæг кæндзæн йæ юбилей. Йæ равзæрдыл æххæст кæны 10 азы. Ацы сфæлдыстадон къордæн бындур æвæрд æрцыди мæздæггаг зæххыл. Уыцы рæстæгмæ йæ ном айхъусын кодта æрмæст хи зæххыл нæ, фæлæ сыхаг республикæты дæр. Ныртæккæ ансамбль йæхи цæттæ кæны йæ юбилеон концертмæ, ацæудзæн майы. Аивадуарзджыты размæ рахæсдзысты  хъазахъхъаг зарджыты ног репертуар, хореографийы ног номертæ. Концертмæ йæхи цæттæ кæны паддзахадон ансамблы дæлбар цы сывæллæтты къорд ис, уый дæр. «Теркаг хъазахъхъæгтæ» зарынц патриотон, æфсæддон, лирикон æмæ хъæлдзæг зарджытæ. Ансамблы репертуары ис 100 уацмысæй æмæ композицийæ фылдæр. Артисттæ ахуыр кæнынц, адæмæй чи ферох, ахæм зæронд мотивтæ дæр. Уыдоны тыххæй та базонынц станицæты хистæр фæлтæрæй. Æппæт ацы хъуыддæгтæ æххуыс кæнынц хъазахъхъæгты æмæ ансамблы традицитæ хъахъхъæнынæн. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania