Фембæлд фæсивæдон партиты минæвæрттимæ
Цæгат Ирыстоны кусæг балцы уыд сæрибар æвзæрстыты Уæрæсейаг Фонды æххæстгæнæн директор Максим Лесков. Фембæлд фæсивæдон партиты минæвæрттимæ. Се ргом æмæ ахадгæ ныхасы рæстæг кæрæдзийæн дзырдтой сæ фæлтæрддзинады тыххæй. Стыр æргом аздæхтой, æвзæрстыты рæстæг медиа цæстдарджыты куысты ахадындзинадмæ. Уæдæ æрдзырдтой ногдзинæдтыл дæр. Бæлвырддæр та – видеоцæстдарды системæйыл. Уæвгæ бæрнон кусæгимæ фембæлд арæзт æрцыд æргом диалоджы хуызы. Максим Лесков хорзыл банымадта Цæгат Ирыстоны фæсивæдон æвзарæн къамисы бирæазон архайд. Æвзарæн кампанийы рæзтмæ нæ республикæйæ стыр æвæрæн хаст кæй æрцыд, уый тыххæй фонды æххæстгæнæг директор кадджын уавæры номарæн нысан радта Цæгат Ирыстоны Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæйæн.