Сфидар æй кодтой «Уæллаг Ларсы» контролон-уадзæн пункты
Цæгат Ирыстоны кусын райдыдта уæзласæн транпсортæн электрон рад. Сфидар æй кодтой «Уæллаг Ларсы» контролон-уадзæн пункты, Гуырдзымæ цæуæг машинæтæн. Программæмæ гæсгæ Уæллаг Ларсы суткæйы дæргъы кусдзысты 3 иумæйаг посты. Электрон рады слæууыны тыххæй хъæуы иу посты уылты ацæуын. Шофырæн скæндзысты регистраци æмæ йын ратдзысты сæрмагонд номыр. Уым фыст уыдзæн регистрацийы рæстæг. Рад куыд хæццæ кæны, уымæ та цæстдарæн уыдзæн онлайн фæткмæ гæсгæ. Машинæ электрон рады цъæх зонæмæ куы бахæццæ уа, уæд йæ бон уыдзæн Уæллаг Ларсы уадзæн пунктмæ бахæццæ уæвын. Æхсæвæй-бонæй кусгæ пункттæ сæвæрдтой Кæсæг-Балхъарæй цæуæг машинæтæн Ираны хъæуы раз, Мæхъæлы республикæйæ цæуæг шофыртæн Алханчурты, стæй Арвы комы фæндаджы 14 километры Цмийы хъæуы раз. Электрон рад скæныны программæ арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ. Системæ хъуамæ зынгæ фæрогдæр кæна уæзласæн машинæты цыд.




