филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 суббота, 28 сентября 2024
26 января 2021, 13:14
Цæгат Ирыстоны, куыд дунейы иннæ рæтты, афтæ дарддæр æххæстгонд цæуы маскæтæ дарыны фæтк

Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы специалисттæ сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы æмæ Беслæны маршруттæ

Æдас царды тыххæй. Цæгат Ирыстоны, куыд дунейы иннæ рæтты, афтæ дарддæр æххæстгонд цæуы маскæтæ дарыны фæтк. Стыр æргом здæхт цæуы горæты транспорты уавæрмæ. Уымæн æмæ нымад у тæссагдæр бынæттæй иуыл. Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы специалисттæ сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы æмæ Беслæны маршруттæ. Æркастысты, шофыртæ æмæ бæлццæттæ æдасдзинады домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уымæ. Рейды тыххæй бæлвырддæр – Гæджиты Сослан.

Маскæтæ, антисептик, æрмкъухтæ. Æхсæнадон транспорты шофырæн ацы æрмæг у æнæмæнг хъæугæ. Афæдзæй чысыл къаддæр шофыртæ кусынц ахæм фæткмæ гæсгæ. Куыд æй æххæст кæнынц, уый та рæстæгæй-рæстæгмæ сбæрæг кæнынц специалисттæ. Бæлццæттæ хъуамæ уой маскæты. Фæлæ уыцы домæн бирæ хæттыты не ххæст кæнынц. Уыимæ ма фиппаинæгтыл арæх тызмæгæй сæмбæлынц.
Рейдты архайынц цалдæр ведомствойы минæвæрттæ. Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы специалисттæй дарддæр дзы архайынц транспорты æмæ мидхъуыддæгты министрадты кусджытæ, стæй фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспектортæ. Алкæмæн дæр сæ ис йæхи нысантæ, фæлæ сæ иумæйаг хæс та у – коронавирусы ныхмæ тох.
Беслæны фæлхасадмæ цæстдарды управленийы æмæ транспорты министрады специалисттæ сбæрæг кодтой, горæты хсæн транспорт куыд кусы, уый. Шофыртæ сæ машинæтæн дезинфекци скæнынц бон цалдæр хатты.
Уртаты Виталий ацы дæсныйады ис дыууын азы онг. Раздæр куыста Дзæуджыхъæуы, ныртæккæ та Беслæны. Куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ кусын зындæр у. Уæлдайдæр та уый тыххæй, æмæ бирæтæ маскæтæ дарын нæ фæкомынц.
Зæгъæн ис, æмæ афæдзмæ рейдтæ аразгæйæ, специалисттæ бафиппайдтой, адæм æхсæнадон транспорты æдасдзинады мадзæлттæ хуыздæр æххæст кæнын райдыдтой. Фæлæ фæткхалджытæ дæр ис.
Ахæм профилактикон куыст у æнæмæнг хъæугæ мадзал. Уыимæ канд маскæтæм æмæ антисептиктæм нæ кæсынц бæрнон кусджытæ, фæлæ ма транспорты техникон уавæрмæ дæр. Уымæ гæсгæ рейдтæ арæзт цæудзысты дарддæр дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania