Ацы хъуыддаг къухы бафтыд, национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзондзинады индустрийæ»-йы республикæ активонæй кæй архайы, уый фæрцы
Цæгат Ирыстоны ма фæзындзæн ноджыдæр дыууæ туристон информацион центры. Ацы хъуыддаг къухы бафтыд, национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзондзинады индустрийæ»-йы республикæ активонæй кæй архайы, уый фæрцы. Уый тыххæй йæ телеграмм-каналы фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг. Ног объекттæ байгом кæндзысты Алагиры æмæ Горæтгæрон районты дæр. Автортæ сæ проекттæ царды рауадзынæн райстой фæйнæ 10 милуан сомы. Туристон информацион центрты уазджытæн гæнæн уыдзæни маршрутты, зæрдылдарæн æмæ историон бынæтты тыххæй информаци базонынæн, кувæндæтты хи дарыны æгъдæуттæ, бынæттон æрмадзты сувениртæ балхæныны тыххæй хъусынгæнинаг райсынæн. Сергей Меняйло бæстонæй æрдзырдта, Цæгат Ирыстон æппæт паддзахадон программæты æмæ грантты хыгъдмæ цы специалистты фæрцы хаст æрцыди, уыдоны куысты ахадындзинадыл. Туризмы къабазы национ проекты фæрцы нæм ныридæгæн байгом æртæ туристон центры æмæ дæсгай глэмпингы.




