филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:21 суббота, 28 сентября 2024
03 февраля 2021, 11:40
Цæгат Ирыстоны медицинон академийы студенттæ æнæдызæрдыгæй æрлæууыдысты коронавирусы ныхмæ

Кусынц «сырх зонæйы»

Сырх зонæмæ – зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ. Пандемийæ фадат радта фидæны дохтыртæн сæхи равдисынæн. Цæгат Ирыстоны медицинон академийы студенттæ æнæдызæрдыгæй æрлæууыдысты тæссаг низы ныхмæ. Сæ хъуыды у иу – адæмæн æххуыс кæнын, æмæ хи ацы ахсджиаг дæсныйады бафæлварын. Фæлтæрдджын дохтыртимæ хъахъхъæнынц адæмы цард. Медицинæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ чи равзæрста, уыцы фæсивæды минæвæрттимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд.

Хи хъахъхъæнæн костюмтæ, маскæтæ, æрмкъухтæ, хостимæ хызын. Цæгат Ирыстоны медицинон академийы студенттæ Бекъойты Олег æмæ Дæгуйты Георгий цæттæ кæнынц адæмæн æххуыс кæнынмæ рацæуынмæ. Кæд æрыгон сты, уæддæр сæм фæлтæрддзинад ныридæгæн ис. Уæвгæ тагъд æххуысы бригадимæ кусгæйæ æндæрхуызон дæр нæ уыдзæн.

Коронавирусы фыццаг уылæны Георгий æмæ Олег барвæндонæй æрбацыдысты тагъд æххуысы клиникон рынчындоны сырх зонæмæ, терапийæйы хайадмæ. Фыццаг уыдысты санитартæ, уый фæстæ кæстæр медицинон кусджытæ. Куысты уавæртæ, кæй зæгъын æй хъæуы, зын, сменæтæ дæргъвæтин. Фæлæ сахуыр сты. Лæппутæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын ацы системæ сæ куыст хуыздæр базонынæн фæци стыр ахъаз, уый иу. Иннæмæй та – сæ бон адæмæн æххуыс кæнын кæй у, уымæй дæр сты сæрыстыр.

Коронавирусы фыццаг уылæн куы уыди, уæд æм республикæ бынтон цæттæ нæ уыди. Тагъд æххуысы машинæтæ се ппæтыл не ххæсыдысты. Студенттæн  уыцы уаврæты сæ куыст у ахадгæ практикæ.

Фидæнмæ сæм ис бирæ фæндтæ æмæ нысантæ. Академийы каст фæуын ординатурæ, сæйрагдæр та сæ дæсныйадыл кусын. Сæ бæллиц сæххæст кæныныл кусынц, куыд фæзæгъынц, дысвæлдæхтæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ковид æхсæнадæн æрхаста стыр зиантæ. Фæлæ дзы ис æвæрццæг хъуыддæгтæ дæр. Ам та сæйрагдæр у адæймаджы иузæрдиондзинад йæ куыстыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania