Сæ саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм хуызы мадзæлттæ фадат дæттынц канд спортивон цæттæдзинад раргом кæнынæн нæ, фæлæ ма студенттæм гуырын кæнынц бæрнондзинад, æмæ цыфæнды уавæрты кæрæдзийæн æххуыс кæнынмæ тырнындзинад
Цæгат Ирыстоны медицинон колледжы фыццаг хатт арæзт æрцыдысты æфсæддон-спортивон хъæзтытæ. Сæ саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм хуызы мадзæлттæ фадат дæттынц канд спортивон цæттæдзинад раргом кæнынæн нæ, фæлæ ма студенттæм гуырын кæнынц бæрнондзинад, æмæ цыфæнды уавæрты кæрæдзийæн æххуыс кæнынмæ тырнындзинад. Ахуырты таурæгъмæ, фервæзын кæнын хъæуы, газæй хъыгдард чи баййæфта, ахæм адæймаджы. Колледжы ахуыргæнинаг Сечъынаты Ясминæйæн хуымæтæг хъæзтытæ нæ уыдысты, фæлæ ныфсхастдзинады урок. Нырæй фæстæмæ йæ зоны, медицинæ вæййы, куыд сабырдзинады рæстæг, афтæ æфсæддон-быдырон уавæрты дæр. Æфсæддон-спортивон ерысты алцыдæр хъуыди рæстæгмæ кæнын: 25 секундмæ хæцæнгарз сæмбырд кæнын, 3 минутмæ костюм скæнын, стæй ма цæф адæймаджы æнæ рæдыдтытæй бабæттын. Алы змæлд дæр хъуамæ уа тагъд, бæстон æмæ раст. Медицинон колледжы директор Реуазты Таймураз куыд загъта, афтæмæй нырыккон медик хъуамæ цæттæ уа алы уавæртæм дæр. Ныртæккæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы кусынц сæ ахуыргæнæндоны 50 рауагъдоны. Цыппарæй сты операцион блокты сæргълæуджытæ. Алкæцы дæр сæ у æцæг профессионализмы дæнцæг. Сæрыстыр сты ахæм фæсивæдæй. Æфсæддон-спортивон хъæзтыты архайдтой 5 факультеты студенттæ. Аргъ сын кодтой эксперттæ – æфсæддон цауты ветерантæ. Ахуыргæнæндоны зæрдæ дарынц, ацы патриотон хъæппæрис республикæйы иннæ колледжтæ æмæ техникумтæ дæр царды кæй рауаддзысты, ууыл.




