филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:23 суббота, 18 мая 2024
03 февраля 2022, 13:59
Цæгат Ирыстоны медицинон колледжы студенттæ кусынц колл-центрты

Фидæны медиктæ байхъусынц адæмы хъæстытæм, æмæ сæ цы тыхсын кæны, уый фæдыл сын скæнынц амынддзинæдтæ

Низы ныхмæ прививкæ скæнын, дохтырмæ хæдзармæ бадзурын, æмæ æндæр ахсджиаг фæрстытæн дзуæппытæ дæттынц Цæгат Ирыстоны медицинон колледжы студенттæ. Уыдон ныртæккæ кусынц колл-центрты. Фидæны медиктæ байхъусынц адæмы хъæстытæм, æмæ сæ цы тыхсын кæны, уый фæдыл сын скæнынц амынддзинæдтæ. Иу бонмæ райсынц 500 дзæнгæрæджы онг. Программæйы архайынц 200 адæймаджы онг. Уыйбæрц ма ис резервы дæр. Æмæ цæттæ сты цыфæнды афон дæр се мбæлтты баивынмæ. Томайты Батраз радзурдзæн бæстондæр.

Цæгат Ирыстоны медицинон колледжы студенттæ æрбацыдысты æххуысмæ. Кусынц колл-центры æмæ исынц дзæнгæрджытæ. Уый тыххæй ахуыргæнæндоны скодтой сæрмагонд фæз. Байхъусынц адæмы хъæстытæм, æмæ сæ цы тыхсын кæны, уый фæдыл сын скæнынц амынддзинæдтæ, байгом кæнынц рынчыны гæххæтт, стæй сын баххуыс кæнынц дохтырмæ хæдзармæ æрбацæуын кæнын. Иу бонмæ лæппутæ æмæ чызджытæ райсынц 500 дзæнгæрæджы онг. Уыимæ сæ рагацау сахуыр кæнынц, адæмимæ растдæр куыд дзурын хъæуы, ууыл. Æмæ кæд æрыгон сты, уæддæр сæ схонæн ис специалисттæй.

Æнæхъæн кусгæ бон, уый фæстæ та ма ауырадон процесс. Ахæм фæткы студенттæ-активисттæ цæрынц ныр афæдзы рдæджы бæрц. Афтæмæй æфтауынц сæ фæлтæрддзинадыл дæр. Æнцон нæу, фæлæ сæхи ныхæстæм гæсæг, сæ зæрдæмæ цæуы.

Программæйы архайынц дыууæ сæдæ адæймаджы онг. Уыйбæрц ма ис резервы дæр. Æмæ цæттæ сты цыфæнды афон дæр се мбæлтты баивынмæ. Фидæны медиктæ канд колл-центры нæ кусынц, фæлæ ма æххуыс кæнынц Дзæуджыхъæуы стæй районты поликлиникæты æмæ рынчындæтты. Медицинон колледжы директоры хъуыдымæ гæсгæ теори зонын тынг хорз у, фæлæ ма фæсивæд парктикон зонындзиндтæ кæй исынц, уый дæр сын у тынг пайда. Афтæмæй æфтауынц сæ профессионалон фæлтæрддзинадыл.

Медколледжы ис сæрмагонд ахуыргæнæн блок. Ам студенттæн æвдисынц, ковид раиртасынæн тест куыд исгæ у, капельницæтæ æвæрын, стæй рынчынтæм куыд зилын хъæуы, уый.

Ахуырадон процесс цæмæй æнæрлæугæйæ цæуа, уымæн æххуыс у дистанцион фæтк. Æппæт лекцитæ дæр цæуынц пъланмæ гæсгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania