филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:40 суббота, 31 января 2026
01 ноября 2022, 11:19
Цæгат Ирыстоны мобилизацигонд æфсæддонтæ æххæст кæнынц сæрмагонд хæстон цæттæдзинад

Сæ зæрдыл лæууын кæнынц, кæддæр цы зонындзинæдтæ растой, уыдон

Цæгат Ирыстоны мобилизацигонд æфсæддонтæ æххæст кæнынц сæрмагонд хæстон цæттæдзинад. Сæ зæрдыл лæууын кæнынц, кæддæр цы зонындзинæдтæ растой, уыдон. Алкæмæдæр сæ ис æфсæддон службæйы фæлтæрддзинад. Амонынц сын, нырыккон хæцæнгæрзтимæ куыд архайын хъæуы, уый дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Жгут сæвæрын, рыст сисын. Алы аптечкæйы дæр ис перманентон маркер. Фыццаг æххуыс конд кæд æрцыд, уыцы рæстæг æнæмæнг хъæуы фæнысан кæнын цæф адæймаджы буары цавæрфæнды хайыл дæр. Цæмæй йын госпиталы йæ уавæр сбæрæг кæной. Тактикон медицинæйы ахуырты зонындзинæдты нысан у адæймаджы цард.

Мобилизацигонд æфсæддонтæн дзурынц æрмæст ирвæзыны техникæйы тыххæй нæ. Æфсæддон хъуыддаджы теори æмæ практикæ фæлтæрдджын инструкторты разамындæй. Алы кары æмæ дæсныйæдты минæвæрттæ сæ зæрдыл лæууын кæнынц, кæддæр цы зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрдтæ райстой, уыдон.

Цырд реакци, дисциплинæ, фæразондзинад æмæ сæйрагдæр, зонын алы уавæрты æмæ цавæрфæнды рæстæг дæр кусын. Инструктортæ аразынц æцæг цаутæм хæстæг уавæртæ. Ныртæккæ, таурæгъмæ гæсгæ, пырх кæнынц ныхмæлæууæджы бронетехникæ, æппарынц ахуырадон гранатæтæ. Æфсæддон цæттæдзинады хицауы ныхæстæм гæсгæ, хæстонтæ фæлтæрынц, размæбырсгæйæ æмæ хъахъхъæнгæйæ кæмæй спайда кæныдзысты, ахæм архайдтæ.

Сусæг бынатæй мæнг ныхмæлæууæджы æхсынц Калашниковы автоматтæй æмæ пулеметтæй. Уый у тренировкæты чысыл хай. Мобилизацигонд адæмимæ кусынц, сæрмагонд æфсæддон операцийы фæлтæрдзинад чи райста, ахæм командæгæнджытæ.

Фæсном «Дигор»-имæ хæстон дзуры, хъæуы æфсады цы фæлтæрдтæ райста, уыдон æрхъуыды кæнын æмæ нырыккон хæцæнгæрзтимæ архайын базонын. Тырны сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Уым сты йæ хæрз æфсымæртæ. Тых ын дæтты чысыл дзуарыныв. Йæ уарзон нанайы лæвар æдзухдæр дары йæ зæрдæйы бын.

Дызæрдыггаг нæу, нæ хæстонтæ сæ размæ æвæрд хæстæ æнæ къуылымпытæй кæй æххæст кæндзысты. Цы зонындзинæдтæ райсой, уыдон та сын æххуыс уыдзысты зын уавæрты. Ахуырты фæстæ дæлхайад архайдзæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы цы территоритæ уæгъдгонд æрцыдысты, уыдонмæ цæстдарды.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania