филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:44 воскресенье, 01 февраля 2026
20 сентября 2023, 11:26
Цæгат Ирыстоны мысынц Хъæрмæдоны комы зæйы бын чи фæмарди, уыдоны

21 азы размæ ратыдта Хъолайы цъити

Абон Цæгат Ирыстоны мысынц Хъæрмæдоны комы зæйы бын чи фæмарди, уыдоны. 21 азы размæ ратыдта Хъолайы цъити. Их, цъыф æмæ дурты зæй цалдæр минутмæ йæ быны фæкодта хæдзæрттæ æмæ фæлладуадзæн базæтæ. Æрдзон фыдбылызы амæттаг баисты сæдæ дыууын фондз адæймаджы. Зæйы бын фесты Сергей Бодровы сфæлдыстадон къорды уæнгтæ, бæхты театр «Нартæ»-йы артисттæ æмæ хъæуы цæрджытæ. Сгарæн-агурæн куыстытæ цыдысты афæдз æмæ рдæг. Сардтой дзы æрмæстдæр нудæс адæймаджы стæгдары. Ныр дæр ма ахуыргæндтæ нæма сбæрæг кодтой, фыдбылыз цы расайдта, уый аххосаг. Бархионты лагеры бынаты ныртæккæ лæууы хъыггæнæг ныййарæджы цыртдзæвæн. Йæ цуры та зæйы фæстæ цы егъау дур баззад, уый. Ныффидар ыл кодтой сæрмагонд къæй æмæ дзы ныффыстой, æбæрæгæй чи фесæфти, уыцы адæмы нæмттæ. Æрдзон фыдбылызы цаутæ абон дæр адæмы зæрдæты сты чи нæ байгас, ахæм хъæдгомы хуызæн. Фæлæ рæстæг йæ кæнон кæны, æмæ абон Хъæрмæдоны комы цард дарддæр цæуы. 21 иу азы рзмæ ихзæй кæм рацыд, уым ныртæккæ æрдз снывæзта йæхи æрдзон нывтæ. Фæлæ ахуыргæндты æрггом раздæрау здæхт у Хъолайы цъитимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania