филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:36 воскресенье, 19 мая 2024
18 марта 2022, 12:08
Цæгат Ирыстоны Национ библиотекæ дарддæр хæццæ кæны, адæм кæй бауарзтой, уыцы проект «Современник»

Ацы хатт чиныгкæсджыты æрбахуыдтой Уæрæсейы сгуыхт нывгæнæг Дзбойты Михалимæ фембæлдмæ

Цæгат Ирыстоны Национ библиотекæ дарддæр хæццæ кæны, адæм кæй бауарзтой, уыцы проект «Современник». Проекты хъайтартæ сæхи тыххæй радзурынц сæхæдæг. Ацы адæм сты алыхуызон, фæлæ æнæмæнгæй ирд, сфæлдыстадон, хъуыдыгæнаг, царды мидис раст чи мбары, ахæм адæм.  Ацы хатт чиныгкæсджыты æрбахуыдтой Уæрæсейы сгуыхт нывгæнæг, Ирыстоны адæмон нывгæнæг,  Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат, национ преми «Нарты фæткъуыйы» лауреат Дзбойты Михалимæ фембæлдмæ. Æрбацæуджыты базонгæ кодта йæ царды æмæ профессионалон фæлтæрддзинадимæ. Йæхи ныстуантæ скодта æрыгон фæлтæрæн. Сæрыстырæй Михал радзырдта йæ хъомылгæнинæгты æнтыстдзинæдты тыххæй. Дзбойты Михал у Цæгат Ирыстоны хуыздæр скульптортæй иу, 10-гай мемориалон фæйнæджыты автор. Ацы проектæн балæвар кодта бирæ цымыдисаг фемæлдтытæ. Уæвгæ та «Современник»-ы хъайтартæ систы Даураты Эдуард, Хуыгаты Ирлан, Уалыты Гиви, Тахъазты Фидар, Баскаты Уырызмæг, Золойты Фатимæ æмæ æндæртæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania