филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:34 понедельник, 15 декабря 2025
16 сентября 2019, 18:22
Цæгат Ирыстоны Национ парк «Алани» бабæрæг кодтой экспедици «Заповедный пояс. Горной тропой»-ы архайджытæ

Иртасджытыбалцы райдайæн уыди Дагестаны, йæ кæронбæттæн та уыдзæни Ялтæйы хæххон фæдзæстбынат «Хъырым»

Цæгат Ирыстоны Национ парк «Алани» бабæрæг кодтой экспедици «Заповедный пояс. Горной тропой»-ы архайджытæ. Иртасджытыбалцы райдайæн уыди Дагестаны, йæ кæронбæттæн та уыдзæни Ялтæйы хæххон фæдзæстбынат «Хъырым». Æдæппæтæй экспедицийы уæнгтæ бабæрæг кæндзысты нæ бæстæйы 9 регионы, æмæ ацæудзысты 3 мин км фылдæр. Экспедици æххæстгæнгæйæ, проекты архайджытæ презентаци скæндзысты амæй размæйы экспедициты цы æрмæджытæ æрæмбырд кодтой, уыдонæй хуызистыты равдыстæн дæр. Проекты архайынц, волонтертæ, къамисджытæ, блоггертæ, журналисттæ æмæ æндæр дæсныйæдты минæвæрттæ. Темæ дарддæр хæццæ кæны Касаты Наирæ.

Хъæддаг æрдзы алæмæты рæсугъддзинад, денджызы сусæг фæзилæнтæ. Нæ бæстæйы æппæтæй дарддæр æмæ аивдæр къуымтæй æмбал кæмæн нæй, ахæм дæсгай хуызистытæ. Æрхъуыдыгонд хуызистыты равдыст Мацутæйы равæрдтой æрдзон уавæрты. Ацы хуызистытæ экспедицийы уæнгтæ скодтой амæй размæйы азты балцытæй. Цæмæй, иу сырды, кæнæ æрдзон фæзынды хуызист æрцахсай, уый тыххæй хатгай, æнхъæлмæ кæсын фæхъæуы сахатгай. Илья Дровнин æмæ Дмитрий Голубев архайынц адзы уылты адæймагæн æхсызгон æнкъарæнтæ æрхæссыныл. Нæ республикæйы бæллынц хæххон дзæбидыртæ хуызистытæ скæнынмæ.

Балцы архайынц 20 адæймаджы. Цæмæй ацы экспедицимæ бахауой, уый тыххæй ацыдысты стыр æмæ карз конкурсмæ. Курдиæттæ сæм балæвæрдтой цалдæр мин адæймаджы. Уыдон зындзинæдтæй нæ тæрсынц, балццоны цардыл ахуыр сты. Ацы хатт экспедицийы уæнгтæ æрбынат кодтой национ парк «Алани»-йы территорийы. Фæлæ сæ арæх бахсæвиуат фæхъæуы палаткæты дæр. Фæлæ уæддæр бирæтæ зæгъынц, цымыдисаг балцы ацæуын у сæ алкæйы бæллиц дæр. 40 боны тур скæныны тыххæй сæ бирæтæ сæхи суæгъдкодтой сæ куыстытæ йдæр.

Проект кусы æртæ азы. Ацы экспедици дæр у æртыккаг. Проекты архайджыты географи кæдфæндыдæр вæйы уæрæх. Воронеж, Дæллаг Новгород, Краснодар, Санкт-Петербург, Белгород, Орел, Уфа, Саратов, Мæскуы, Сочи, æмæ афтæ дарддæр.

Проекты архайынц алы дæсныйæдты минæвæрттæ. Къамисджытæм æмæ журналисттæм бирæ аппаратурæ. Пайда кæнынц нырыккон квадрокоптертæй дæр. Цæгат Ирыстоны цы æрмæджытæ скæной, уыдон та равæрдзысты иннæ экспедициты равдыстыты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania