18 июня 2019, 17:10
Цæгат Ирыстоны нывгæнджыты равдыстыты залы абон байгом Айларты Таймуразы куыстыты равдыст
Арæзт у йæ райгуырды 80 азы кадæн.
Цæгат Ирыстоны нывгæнджыты равдыстыты залы абон байгом Айларты Таймуразы куыстыты равдыст. Арæзт у йæ райгуырды 80 азы кадæн.
Фенæн дзы ис, 60-æм 80-æм азты æрыгонæй цы нывтæ скодта, уыдон. Æдæппæтæй сты 100-йæ фылдæр. Æвдисы дзы æрдзы рæсугъддзинад, натюрморттæ, портреттæ. Йе рыгон бонты Айларты Таймураз уарзта хъæдæрмæгæй кусын дæр, цалдæр дзы бынат ссардтой юбилейон равдысты. Нывгæнæджы куыстытæ цымыдисаг уыдзысты, Таймуразы курдиатæн аргъ чи кæны, стæй Ирыстоны æрдз, йæ архитектурæ æмæ хохы цæрæг адæмы карз уавæртæ хæстæг кæмæн сты, уыцы аивадуарзджытæн.

темæмæ гæсгæ