03 октября 2024, 11:10
Цæгат Ирыстоны октябры астæу райдайдзæн акци «Бахъахъхъæнæм æрдз»
Фыццаг 5 сæдæ талайы ныссаддзысты Мæздæджы районы
Цæгат Ирыстоны октябры астæу райдайдзæн акци «Бахъахъхъæнæм æрдз». Фыццаг 5 сæдæ талайы ныссаддзысты Мæздæджы районы. Хъæд сног кæныны сæйраг акци арæзт цæуы национ проект «Экологи»-йы æххуысæн. Се вæрæн æм бахæсдзысты республикæйы æппæт районтæ, – хъусын кæны æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрад. Афæдзы кæронмæ фæззыгон акцийы фæлгæты ныссаддзысты 8 мин сырх тулдз æмæ æнгуз бæласы. Мадзалы архайын йæ бон у алы адæймагæн дæр. Уый тыххæй хъæуы официалон сайт «сохранимлес.рф.»-ы регистраци скæнын æмæ бæлвырд бон æмæ рæстæг бынатмæ бацæуын. Æппæт кусæнгæрзтæ æмæ талатæ ратдзысты акци аразджытæ.
