филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 суббота, 31 января 2026
10 января 2026, 12:16
Цæгат Ирыстоны Оперæ æмæ балеты театры уыд радон премьерæ

Аивадуарзджытæн бацæттæ кодтой уарзон аргъау «Морозко»

Ног азы лæвар. Цæгат Ирыстоны Оперæ æмæ балеты театры уыд радон премьерæ. Аивадуарзджытæн бацæттæ кодтой уарзон аргъау «Морозко». Алæмæты дуне, ирд æмæ аив костюмтæ, рæсугъд нывæфтыдтæ æмæ аргъауы декорацитæ. Афтæмæй райдайы цымыдисаг сюжет. Ацы спектаклæй кæронмæ æрхæццæ оперæ æмæ балеты театры Ног азы кампани. Радон хатт барухс кодта сабиты æмæ сæ ныййарджыты зæрдæтæ. Хъайтмазты Дзерассæйæн ныхасы бар.

Сывæллæтты уарзон аргъау «Морозко»-йы хъайтартæ рацыдысты Оперæ æмæ балеты театры сценæмæ. Ацы уацмысы алы фæлгонцы дæр æвæрд ис йæхи мидис. Марфушæйы роль премьерон спектаклы сæххæст кодта Козаты Аннæ. Стыр сценæйы йын дебют у. Солисткæ куыд зæгъы, афтæмæй йæ хъуыд æрмæст йæ хъайтары миддуне банкъарын нæ, фæлæ ма æвзонг театрдзаутæн баххуыс кæнын бамбарын, ацы сурæт æппæт аргъауæн афтæ ахсджиаг цæмæн у, уый.

Аивадуарзджыты раз раргом алæмæты дуне – ирд костюмтимæ, рæсугъд нывæфтыдтимæ æмæ декорацитимæ. Театрдзауты зонгæ кæнынц зæрдæхæлардзинады æмæ æвзæрдзинады тыххæй историимæ. Уым Настенька фыдыусы фæндонмæ гæсгæ иунæгæй баззад зымæгон хъæды. Хъуыдис æй бабыхсын уазалæн æмæ зындзинæдтæн.

Настенькæйы сурæт сарæзта Дарья Худякова. Бантыст ын йæ хъайтары уды сыгъдæгдзинад равдисын. Артисткæйы ныхæстæм гæсгæ, «Морозко» ахуыр кæны зæрдæхæлар уæвыныл æмæ зæрдыл лæууын кæны: фæразондзинад, куыстуарзондзинад æмæ сыгъдæг зæрдæ æнæмæнг фæуæлхиз уыдзысты зындзинæдтыл.

«Морозко»-йы премьерæ сси æцæг кæронбæттæн аккорд оперæ æмæ балеты театры Ног азы кампанийы. Спектакль сæмбырд кодта æнæхъæн зал æмæ та радон хатт равдыста: аргъау раздæрау хъарм кæны, æрмæст сывæллæтты нæ, фæлæ сæ ныййарджыты зæрдæтæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania