филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:39 четверг, 13 июня 2024
08 октября 2021, 11:38
Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры цæттæ кæнынц ног спектакльтæ

Мæйы кæрон аивадуарзджыты размæ рахæсдзысты Островскийы пьесæ «Дзаджджын бынат»

Ног аивадон лæвæрттæ театрдзаутæн. Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры цæттæ кæнынц ног спектакльтæ. Мæйы кæрон аивадуарзджыты размæ рахæсдзысты Островскийы пьесæ «Дзаджджын бынат». Актертæ репетицитæ кæнынц æндæр спектакльты дæр. Ацы сезоны театрдзаутæ фендзысты Нарты кадджытæй ист нывтæ дæр. Театры аивадон разамонæг та цæттæ кæны «Король Лир». Амæй размæ, ирон театр сси æппæтадæмон фестивалы уæлахиздзау. Спекталь «Ромео æмæ Джульеттæ» дыууæ номинацийы нымад æрцыди хуыздæрыл. Лауреаттæ дзы систы Уалыты Гиви – куыд хуыздæр режиссер, Æгкацаты Аминæйæн та хæрзиуæг саккаг кодтой хуыздæр сылгоймаджы фæлгонцы тыххæй. Театры сфæлдыстадон къорд ивгъуыд сезоны бацархайдтой репертуар фæхъæлдзæгдæр кæныныл. Театрдзаутæ аккаг аргъ скодтой куыд ноггонд спектакльтæн, афтæ премьерæтæн. Ныр та сæ размæ вæрд ис æндæр хæстæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania