Сюжеты бындуры – дыууæ адæймаджы, дыууæ царды, дыууæ саст хъысмæты
Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон ирон академион театры уыд радон премьерæ. Ацы хатт дзы равдыстой спектакль «Эмигранттæ». Сюжеты бындуры – дыууæ адæймаджы, дыууæ царды, дыууæ саст хъысмæты. Спектаклы хъайтартæ цæрынц æхсæнадон транспорты æрлæууæны. Æрыгон эмигранты роль йæхиуыл сбарста Æлбегаты Алан. Фæлтæрдджын, æмæ ма уыимæ дунейы кондмæ æмæ цардмæ æнæрайгæ цæстæй кæсæг адæймаджы сурæт та сарæзта Косты Ацæмæз. Дыууæ хъайтары хсæн æппынæдзухдæр сæвæзæры ныхмæлæуддзинад. Цардмæ цæстæнгас сын у фæйæнхуызон. Польшæйаг зындгонд драматург СлавомИр МрОжекы пьесæ «Эмигранттæ» у зæрдæмæхъаргæ истори. Ирдæй дзы æвдисы иунæгæй цæрæг адæймаджы зындзинæдтæ. Уæлдайдæр та – райгуырæн бæстæйæ дард куы вæййы, уæд. Хъуыстгонд пьесæйы режиссер-æвæрæг у Дзудцаты Тамерлан.
