Архайдта дзы 180 скъоладзауы онг
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд скъоладзауты федералон олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæн мадæлон æвзаг æмæ литературæйæ. Архайдта дзы 180 скъоладзауы онг. Олимпиадæйы призертæ æмæ уæлахиздзаутæ райсдзысты уæлæмхасæн баллтæ, паддзахадон университеты цавæрдæр факультеттæм бацæугæйæ.
Ирон æвзаг æмæ литературæйæ зонындзинæдтæ сбæлвырд кæнынмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æрæмбырд сты 180 скъоладзауы онг. Уыдон сты Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты скъолаты минæвæрттæ. Кæронбæттæн къæпхæны размæ сын уыд æвзарæн тур.
Скъоладзауты федералон олимпиадæ мадæлон æвзаг æмæ литературæйæ Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд дыккаг хатт. Архайджытæ дихгонд уыдысты 2 къордыл: 8-9-æм кълæсты æмæ 10-11-æм кълæсты ахуырдзаутæ. Хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынæн сын лæвæрд уыд 4 сахаты. Зæгъын хъæуы уый, æмæ республикон олимпиадæйы хæслæвæрдтæй хицæн кæнынц, фæлæ æнæмæнг баст уыдысты скъолайы программæимæ.
Ацы олимпиадæйы призертæ æмæ уæлахиздзаутæ райсдзысты уæлæмхасæн баллтæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетмæ бацæугæйæ. Уыимæ, канд ирон филологийы нæ, фæлæ ма æндæр бæлвырд факультеттæм дæр бацæугæйæ.
Нæкуысаты Иринæ – РЦИ-А ахуырады æмæ наукæйы министрады национ хайады сæргълæууæг: ИРОН
Скъоладзауты федералон олимпиадæйы хатдзæгтæ мадæлон æвзаг æмæ литературæйæ сбæрæг уыдзысты мæйы кæронмæ.




