филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:29 суббота, 31 января 2026
12 марта 2025, 15:57
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты дыууæ æмдзæрæны байгом кодтой цалцæджы фæстæ

Объектты куыстытæ райдыдтой ивгъуыд аз

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты дыууæ æмдзæрæны байгом кодтой цалцæджы фæстæ. Дыууæ бæстыхайы дæр сты Бутырины уынджы. Сифтонг сæ кодтой хъæддзаумайæ æмæ техникæйæ. Объектты куыстытæ райдыдтой ивгъуыд аз. Уыцы нысантæн федералон бюджетæй радих кодтой 162 милуан сомы. Фыццаг цыппаруæладзыгон æмдзæрæн арæзт æрцыд 1952-æм азы. Ис дзы 243 бынаты. Дæс азы размæ дзы скодтой реконструкци, ныртæккæ та сног кодтой бæстыхæйттæ æмæ æддаг бакаст. Дыккаг æмдзæрæн та у фондзуæладзыгон. Эксплуатацийы йæ радтой 1969-æм азы. Ис дзы 112 бынаты. Фæстаг хатт цалцæггнод уыд 17 азы размæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania