филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:59 суббота, 31 января 2026
21 июня 2019, 15:20
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты райдыдта абитуриентты курдиæттæ исыны кампани ног ахуыры азмæ

Ахуыргæнæндон радих кодта 789 бюджетон бынаты бакалавриатæн, специалитетæн, магистратурæйæн æмæ ординатурæйæн.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты райдыдта абитуриентты курдиæттæ исыны кампани ног ахуыры азмæ. Ахуыргæнæндон радих кодта 789 бюджетон бынаты бакалавриатæн, специалитетæн, магистратурæйæн æмæ ординатурæйæн. Фаронимæ абаргæйæ бынæтты бæрц зынгæ фæфылдæр. Абитуриенттæн, иумæйаг паддзахадон фæлварæны баллтæй фæстæмæ, ис бар спайда кæнын сæхи æнтыстдзинæдтæй. Уыдонмæ хауынц иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ аттестат, ГТО-йы нысан æмæ æндæртæ. Абитуриентты курдиæттæ исæн компани ахæсдзæнис 30-æм августмæ.
Моделы системæ, хъарм пъол, хи найæн, цæлгæнæн. Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы ис ног лаборатори. Ифтонггонд у æппæт хъæугæ нырыккон кусæнгæрзтæй. Ам ахуыр кæнынц сантехник-электрикыл. Ахуыргæнæндоны нымад у ног дæсныйадыл. Йæ рауагъдонтæ кусдзысты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы.
Ацы къабазы специалисттæ сты тынг ахадгæ æмæ хъæугæ. Уыимæ техникумæн ахæм зынаргъ лаборатори чи балæвар кодта, уыцы компанийы дæр. Фидæны специалистты ахуыр кæныны фадат банымайæн ис паддзахадимæ æмгуыстады дæнцæгыл.
Техникумы цæттæ кæнынц алы къабæзты специалистты, æмæ дзы ахуыр кæнын кæй фæнды, ахæмтæ фаг ис. Ахсджиаг уый у, æмæ дæсныйæдтæ ныртæккæйы царды сты хъæугæ.
Ацы аз дæр ахуыргæнæндоны фаронæй къæддæр конкурсмæ не нхъæлмæ кæсынц. Рæстæмбисæй, алы 10 бынатмæ дæр 13 адæймаджы. Уæлдæр ахуыргæнæдæтты райдыдта гæххæттытæ исæн кампани. Нырмæ уал дзы бирæ адæм нæй, æнхъæлмæ кæсынц абитуриенттæм, иннæ къуыри сын скъолаты ратдзысты сæ аттестаттæ. ЦИПУ-йы цæттæ кæнынц 130 дæсныйадмæ гæсгæ. Æппæты ногдæр къабæзтæй иу историон факультеты ногдзинад. Ам студенттæн ис бирæ гæнæнтæ.
ЦИПУ-йы æмæ Ираны наукон æмархайд фæсивæдæн гом кæнынц уæрæх фадæттæ, фидæны æппæтадæмон ахастдзинæдтæ фидар кæныныл.
Ресбубликæйы ис 7 уæлдæр æмæ 17 астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндоны. Уымæ гæсгæ, абитуриенттæн ис, цæмæй равзарой, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania