10 июля 2024, 11:45
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты рауагъдонтæн радтой сырх дипломтæ
118 студенты райстой уæлдæр ахуырады æвдисæндартæ
Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты рауагъдонтæн радтой сырх дипломтæ. 118 студенты райстой уæлдæр ахуырады æвдисæндартæ. 11 адæймаджы райстой компетенциты паспорттæ. Уыдон æвдисæн сты æрыгон специалистты профессионалон зонындзинæдтæн. Фидæны та сын баххуыс кæндзысты куыст ссарыны хъуыддаджы. Уымæй дарддæр ма сбæрæг ис уый, æмæ дыууæ рауагъдоны сæ дипломон куыстытæ бацæттæ кодтой бизнес-проекты хуызы. 11 дипломы та фæсивæдæн радта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло.
темæмæ гæсгæ




