филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:12 пятница, 04 июля 2025
01 марта 2025, 11:30
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты уыд Джусойты Нафийы 100 азы æмæ Джыккайты Шамилы 85 азимæ баст конференци

Номдзыд фысджыты литературон сфæлдыстады иртæстыты докладтимæ раныхас кодтой социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты æмæ паддзахадон университеты ахуыргæндтæ

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты уыд Джусойты Нафийы 100 азы æмæ Джыккайты Шамилы 85 азимæ баст конференци. Номдзыд фысджыты литературон сфæлдыстады иртæстыты докладтимæ раныхас кодтой социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты æмæ паддзахадон университеты ахуыргæндтæ. Мадзалы архайджытæ уазджытæн радзырдтой поэтты царды фæндаджы тыххæй, сæ ахуырдзаутæ æмæ æмкусджытæ та – сæ мысинæгтæ. Аивæдты факультеты студенттæ бацæттæ кодтой сфæлдыстадон номертæ æмæ бакастысты Нафи æмæ Шамилыл фыст æмдзæвгæтæ. Номарæн конференцийы ма видеобастдзинады фæрцы архайдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты минæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania