филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:15 пятница, 17 мая 2024
07 октября 2022, 11:37
Цæгат Ирыстоны парламент рахæцыд цалдæр закъоны проекты фарс

Баст сты Хъалонты кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссынимæ

Цæгат Ирыстоны парламент рахæцыд цалдæр закъоны проекты фарс. Баст сты Хъалонты кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссынимæ. Афтæ фæфылдæр уыдзæн, хъалонтæ ног системæмæ гæсгæ чи фиддзæн, уыцы организациты хыгъд. Уымæй дарддæр ма нысан кæнынц хицæн амалхъом адæмæн баххуыс кæнын. Бæлвырддæр та сын фадат уыдзæн æндæр статус райсынæн. Парламенты æмбырды хицæн ныхас цыд, микрозаймтæ исгæйæ, цæстфæлдахæн митæ кæй фæфылдæр сты, ууыл. Ацы фарста алыг кæнынæн хъæуынц ахадгæдæр

Уымæй дарддæр ма Парламенты Советы æмбырды рахæцыдысты, Паддзахадон Думæ цы закъоны проект расидти, уый фарс. Уыцы закъоны проектмæ гæсгæ пенсиисджытæн снысан кæндзысты Ног азы агъоммæ æрвыдазон фиддонтæ. Афтæмæй фæнд кæнынц ацы категорийы граждантæн ахадгæ æххуыс бакæнын. Хорзыл ма банымадтой, хæстон цауты ветеранты хæдзæрттæм лæвар газ бауадзыны хъæппæрис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania