филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:26 суббота, 18 мая 2024
18 июля 2023, 12:01
Цæгат Ирыстоны Парламенты æмбырд ацы хатт арæзт æрцыд Кировы районы

Сæйраг хæс – æркæсын, национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ

Цæгат Ирыстоны Парламенты æмбырд ацы хатт арæзт æрцыд Кировы районы. Сæйраг хæс – æркæсын, национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта Елхоты спортивон комплекс æмæ æндæр социалон бæстыхæйттæ. Спортивон комплексы кусджытæ куыд загъæнц, афтæмæй ног бæстыхай фæсивæдыл хорз ахады. 3 азмæ Елхоты фæзынд спорты мастеры 9 кандидаты аивадон гимнастикæйæ. Ис дзы стыр мадзæлттæ аразыны фадат дæр. Зæгъæм, уæгъдибар хъæбысхæстæй турниры архайдтой 350 спортсмены. Депутаттæ æркастысты, скъолаты, фæндæгты æмæ социалон объектты цалцæггæнæн куыстытæм. Ацы аз Кировы районы цалцæг кæнынц 2 скъолайы – Комсомольскæйы æмæ Змейкæйы. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ Комсомольскæйы æмæ Кæрдзыны тагъд рæстæджы райдайдзысты доны хæтæлтæ ивын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania