филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:58 пятница, 18 сентября 2026
18 сентября 2026, 10:41
Цæгат Ирыстоны Парламенты æрныхас кодтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн куысты бынæттæ дæттыны закъоны проектыл

100 кусæгæй фылдæр кæм ис, ахæм куыстуæтты разамонджытæн бауынаффæ кодтой квотæ сæвæрын

Цæгат Ирыстоны Парламенты æрныхас кодтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн куысты бынæттæ дæттыны закъоны проектыл. 100 кусæгæй фылдæр кæм ис, ахæм куыстуæтты разамонджытæн бауынаффæ кодтой квотæ сæвæрын. Йæ бæрц уыдзæн кусджыты нымæцы рæстæмбисæй 1%. Депутатты хъуыдымæ гæсгæ, цæмæй закъон царды рацæуа, уый тыххæй хъæуы ахæм куыстуæтты, куысты бынæтты æмæ дæсныйæдты нымæц бахынцын. Хицæнæй æрлæууыдысты, æнахъом сывæллæтты архайдимæ барадхæлдтытыл æмæ профилактикæйы системæмæ ивддзинæдтæ бахæссынмæ. Ивддзинæдтæ бахастой адæмæн социалон лæггæдты къабазмæ. æрныхас ма кодтой базарады рæзтыл, инфраструктурæйыл æмæ ерысхъомдзинадыл. Иннæ ахсджиаг фарста баст уыд – æрыдонæн æмæ Мæздæгæн «æфсæддон намысы цæрæн бынаты» кадджын ном раттынимæ. Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй ацы горæттæй рацыд мингай æфсæддоны. Уыдон сæхи хъæбатырæй равдыстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. Уымæй уæлдай бабар кодта республикон æмвæзадыл бакусын ноджыдæр иу кадджын номыл – «Фæллойы намысы цæрæн пункт».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania