филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:24 суббота, 31 января 2026
10 ноября 2022, 11:19
Цæгат Ирыстоны Парламенты депутаттæ бахастой ивддзинæдтæ 2022 азы æмæ хæстæгдæр дыууæ азты бюджетты закъонмæ

Ивддзинæдтæ баст сты, нæ республикæмæ федералон къазнайæ фæрæзтæ кæй æрбацыдысты, уыимæ

Цæгат Ирыстоны Парламенты депутаттæ бахастой ивддзинæдтæ 2022 азы æмæ хæстæгдæр дыууæ азты бюджетты закъонмæ. Ивддзинæдтæ баст сты, нæ республикæмæ федералон къазнайæ фæрæзтæ кæй æрбацыдысты, уыимæ. Финансон документы æфтиæгты куыд бæрæггонд у, афтæмæй субсидитæ æмæ субвенциты иумæйаг бæрц у 6 миллиард сомы. Финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Исахъты Олег куыд загъта, афтæмæй уыцы æфтиаг бар дардзæн æппæт ведомствæтæм. Схардз сæ кæндзысты бюджеты кусджытæн мызд бафидынæн, уæлæмхасæн ахуырадыл æмæ культурæйыл. Фæкæсынхъуаг цæрджытæн социалон уагæй баххуыс кæнынмæ радих кæндзысты 348 милуан сомы. 385 милуан сомы та бавæрдзысты инвестицион проекттæ æххæст кæнæг резервы. Федералон фæрæзтæй 53 милуан сомы нысангонд æрцæудзысты скъоладзаутæн лæвар хъарм хæринаг дæттынæн.

Æмбырды ма схъæлæс кодтой парламенты 7-æм æмбырды депутат Андрей Поповы кандидатурæйыл. Баивта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнг Виталий Назаренкойы. Уый та ныр Цæгат Ирыстоны закъонæвæрæг оргæны номæй уыдзæн Федерацийы Советы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania