Уыдон бахастой, «Паддзахадон социалон æххуыс»-ы федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæндон
Цæгат Ирыстоны парламенты уæнгтæ хорзыл банымадтой Паддзахадон Думæйы депутатты хъæппæрис. Уыдон бахастой, «Паддзахадон социалон æххуыс»-ы федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæндон. Ныхас цæуы хойраджы æмæ хосты сертификаттæ фæкæсынхъуаг бинонтæн æмæ йе фтиæгтæ цæрыны æппынкъаддæр бæрцы ныллæгдæр кæмæн сты, ахæм адæмæн дæттыныл. Цы фæрæзтæ сын радтой, уымæй райсæн уыдзæни, социалон æгъдауæй ахсджиаг чи сты, ахæм товартæ æмæ хостæ. Иу серификаты аргъ у цæрыны æппынкъаддæр бæрцы 30%.
Парламенты Советы ма æркастысты, Алтайы крайы депутаттæ Уæрæсейы Хицауадмæ цы курдиат арвыстой, уымæ. Амынд дзы ис чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинадæн уæлæмхасæн æххуысы мадзæлттæ. Сæ фæндонмæ гæсгæ, фæуæрæхдæр кæнын хъæуы, пандемийæйы рæстæг къуылымпыдзинæдтæ чи баййæфта, уыцы бизнесы къабæзты номхыгъд.




