28 февраля 2024, 11:56
Цæгат Ирыстоны прокуратурæйы хатдзæгтæ скодтой конкурс «Салдатмæ фыстæгæ»-æн
Архайдтой дзы 300 сывæллонæй фылдæр, 3 азæй 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ
Цæгат Ирыстоны прокуратурæйы хатдзæгтæ скодтой конкурс «Салдатмæ фыстæгæ»-æн. Архайдтой дзы 300 сывæллонæй фылдæр, 3 азæй 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Конкурс цыди дыууæ нгоминацийы. Жюрийы хыгъды та уыдысты Дзæуджыхъæуы районты прокурортæ. Æдæппæтæй равзæрстой 25 уæлахиздзауы æмæ призеры. Радтой сын дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Хæрзиуджытæ райстой, конкурсы чи бацархайдта, уыцы лæппутæ æмæ чызджытæ се ппæт дæр. Салдатмæ фыстæджытæ æмæ нывтæ хæстæгдæр рæстæг арвитдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн.
темæмæ гæсгæ




