филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:12 воскресенье, 01 февраля 2026
17 августа 2021, 14:13
Цæгат Ирыстоны радон Аппаратон æмбырды æрдзырдтой къорд ахсджиаг фарстайыл

Сæйрагдæр – рынчындæттæм туаггуыр ласыны фарста

Цæгат Ирыстоны радон Аппаратон æмбырды æрдзырдтой къорд ахсджиаг фарстайыл. Сæйрагдæр – рынчындæттæм туаггуыр ласыны фарста. Нæ республикæйы ныртæккæ сты сæрмагонд компанийы специалисттæ. Уыдон æвæрдзысты туаггуыры станцæтæ. Екатеринбургæй Дзæуджыхъæумæ сластой рæуджытæ улæфынгæнæн уæлæмхасæн аппараттæ. Оперативон æмбырды ма æрныхас кодтой скъолаты цæттæдзинадыл ног ахуыры азмæ. Ахуырады æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алибекты Эллæ куыд бафиппайдта, афтæмæй уал нырма цæттæдзинад у 94%. Фæлæ уый кæронбæттæн нымæц нæу. Уымæн æмæ 12 скъолайы ныридæгæн нæй, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм уазæгдæттæ, ома дзы хъармгæнæн системæ нæ кусы. Республикæйы разамонæг фиппаинæгтæ æрхаста цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрады куыстмæ, æмæ бæрнон кусджыты зæрдыл æрлæууын кодта, уыцы хæс кæй сæвæрдта Уæрæсейы президент, æмæ йæ хъæуы сæххæст кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania