филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:49 воскресенье, 12 мая 2024
02 июня 2021, 14:07
Цæгат Ирыстоны рагагъоммæйы хъæлæс кæныны хатдзæгтæм гæсгæ фыццаг рæнхъытæм рацыдысты паддзахадон Думæйы депутаттæ

Хъæлæсгæнджыты нымæц уыди 61 мин адæймагмæ хæстæг

Цæгат Ирыстоны рагагъоммæйы хъæлæс кæныны хатдзæгтæм гæсгæ фыццаг рæнхъытæм рацыдысты паддзахадон Думæйы ныртæккæйы депутаттæ. Таймазты Артур æрæмбырд кодта 38 мины 9 сæдæ иу хъæлæсы, Мæхъиты Зураб та 46 мины 7 сæдæ æхсай аст хъæлæсы. Хъæлæсгæнджыты нымæц уыди 61 мин адæймагмæ хæстæг. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы рагагъоммæйы хъæлæс кæныны бонтæ æппæт Уæрæсейы цыдысты электрон форматы 23-æй 30-æм маймæ. Праймеризы æдæппæтæй архайдтой 17 адæймаджы. Кандидаттæ уыдысты куыд иу мандатон зылды, афтæ хыгъдмæ гæсгæ дæр. Паддзахадон Думæмæ кандидаттæй уæлдай, æвзарджытæ хъæлæс кодтой, 19-æм сентябры хъæлæс кæныны иумæйаг бон партийы номæй чи архайдзæн, уыдоны дæр. Сфидар кодтой, æвзæрстытæ кæм цæудзысты, уыцы муниципалон зылдты номхыгъд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania