15 января 2020, 18:20
Цæгат Ирыстоны райдыдта 58-æм æфсады æртыккаг чемпионат самбойæ
Турниры архайынц 120 службæгæнæджы Цæгат Кавказы æфсæддон хæйттæй æмæ спортивон скъолатæй
Цæгат Ирыстоны райдыдта 58-æм æфсады æртыккаг чемпионат самбойæ. Турниры архайынц 120 службæгæнæджы Цæгат Кавказы æфсæддон хæйттæй æмæ спортивон скъолатæй. Дыууæ боны ерыс кæндзысты фараст категорийы. Уæвгæ, самбо æмæ къуххæст фæстаг рæстæг сты æппæтæй парахатдæр Уæрæсейы, æфсæддонты хсæн. Ацы турнир у æвзарæн къæпхæн Хуссар Æфсæддон зылды чемпионатмæ. Арæт æрцæудзæн Ростовы. Уæлахиздзаутæн ратдзысты кубоктæ, майдантæ æмæ кады гæххæттытæ. Уый фæстæ та дарддæр хъахъхъæндзысты 58-æм æфсады кад.
темæмæ гæсгæ




