300 лæппу æмæ чызгæй фылдæр бæстæйы 28 регионæй æрæмбырд сты кæронбæттæн къæпхæны архайыны тыххæй
Цæгат Ирыстоны райдыдта æвзонг туристты æппæтуæрæсеон æмбырд. 300 лæппу æмæ чызгæй фылдæр бæстæйы 28 регионæй æрæмбырд сты кæронбæттæн къæпхæны архайыны тыххæй. Æмбырд байгом Дыгургомы альплагерь «Комы-арт»-ы бындурыл æмæ ахæсдзæн 3-æм августмæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Хъæлдзæг зарджытæ æмæ кæфтытæ, арты раз зæрдæбын ныхæстæ æмæ зын маршрутты дæсгай километртæ. Æвзонг туристты æппæтуæрæсеон æмбырд ацы аз цæуы Цæгат Ирыстоны. Артем Топчий æрбацыд Воронежы облæстæй йæ командæимæ. Куыд зæгъы, афтæмæй туризмæй архайын райдыдта афæдзы размæ. Ныридæгæн ын бантыст Цæгат Кавказы цалдæр хæххон маршрутыл ацæуын. Ацы хатт хæслæвæрд зындæр у. Хъæуы йæ ацæуын 100 километрæй фылдæр Цæгат Ирыстоны кæмттыл. Артем ахадгæйæ цæттæ кодта йæхи, архайдта спортæй, ахуыр кодта рельефы хицæндзинæдтæ.
Æвзонг туристты æппæтуæрæсеон æмбырд арæзт цæуы альплагерь «Комы-арт»-ы бындурыл. Ардæм æрбацыдысты 300 архайæгæй фылдæр бæстæйы 28 регионæй. Мадзал кадджын уавæры байгом кæныны архайдтой республикæйы сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим, Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ æмæ Уæрæсейы рухстауынады министрады спортивон хъомылады организацион методикон æххæст кæныны федералон центры директор Сергей Таиров.
Æвзонг туристты балцон-экспедицион архайдмæ хауы регионы флорæ, фаунæ æмæ мæртæ иртасын. Фæсивæдæн сæ бон уыдзæн Цæгат Ирыстоны рæсугъд бынæттæ фенын. Бацæттæ сын кодтой 7 маршруты. Цæудзысты Хъæрмæдоны, Куырттаты æмæ Дыгуры кæмттыуылты. Алкæцыйы дæргъ 100 километрæй къаддæр нæ уыдзæн. Æппæтуæрæсеон æмбырд арæзт æрцыд бæстæйы рухстауынады министрады хъæппæрисæй. Рæзгæ фæлтæр цы зонындзинæдтæ исой, уыдон æмбырд кæндзысты æмæ сæ уый фæстæ баиу кæндзысты сæ маршрутон проекттæ хъахъхъæныны. Æмбырд æххæстгонд цæуы национ проект «Ахуырад»-мæ гæсгæ.
Архайджытæн ма сараздзысты викторинæ, ерыстæ æлхынцъытæ бæттынæй æмæ хуыздæр зарæджы конкурс. Æвзонг туристты æппæтуæрæсеон æмбырд фæуыдзæн 3-æм августы.




