филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:17 суббота, 28 сентября 2024
02 сентября 2021, 12:19
Цæгат Ирыстоны райдыдта, Беслæны 1-æм скъолайы чи фæмард, уыдоны номарæн саударæн вахтæ

Рацыд 17 азы, фæлæ адæмы рыст нæ мынæг кæны

Цæгат Ирыстоны райдыдта, Беслæны 1-æм скъолайы чи фæмард, уыдоны номарæн саударæн вахтæ. Рацыд 17 азы, фæлæ адæмы рыст нæ мынæг кæны. 1-æм сентябры 2004-æм азы террористтæ бацахстой скъола, æмæ сæ амынæты уыдысты 1128 адæймаджы. 3 боны æнæ дон æмæ хойрагæй, æнтæф спортивон зал скъоладзаутæн, сæ ныййарджытæн æмæ ахуыргæнджытæн фестадысты æцæг зындонау. Теракты фæмард сты 334 адæймаджы, уыдонæй 186 – сывæллæттæ. Нырыккон историйы тæккæ саудæр сыфтæ хъæдгомæй баззадысты нæ зæрдæты. Сосранты Жаннæйæн ныхасы бар.

Цæгат Ирыстоны цæуы Беслæны теракты бахауджыты номарæн вахта. Спортзалы цы мемориалон комплекс арæзт æрцыд, уырдæм, скъолайы чи фæмард , уыдоны ном ссарынмæ æрбацыдысты Ирыстоны  сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло, Хицауады уæнгтæ, æхсæнадон æрганизациты минæвæрттæ.

Куыд алы аз, афтæ ныр дæр номарæн аргъуыд хæлд спортзалы скодта Дзæуджыхъæуккаг æмæ  Алайнаг алчыр Леонид.

Адæм цæуынц дидинджытæ, хъазæнтæ, донимæ. Ам алкæмæн дæр райхæлы йæ уды риссы къуыбылой. Ардæм зын цæуæн у, уыцы фыдохы бонтæ  йæхиуыл чи банкъардта, уыдонæн. 

Ингæйы чызг Чеджемты Лианæ сдзæбæх йæ цæфтæй. Абон  Лианæ  у пъæлицæйы кусæг, рад хæссы уæды зындоны – Беслæны раздæры фыццæгæм скъолайы. Фыдохы бынаты судзынц, амынæтæй чи нал фервæзт, уыдоны къамты цур мыдадзын цырæгътæ.  Чидæртæ та семæ æрбахастой дон. Алчи дæр сæ хорз хъуыды кæны уыцы уæззау бонтæ. Æдзард сабиты, ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты номыл саударæн вахтæ, куыд æрвылаз, афтæ цæудзæн 3 боны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania