филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:34 суббота, 28 сентября 2024
25 января 2022, 12:54
Цæгат Ирыстоны райдыдта хъахъхъæнынады дзыллон мæйон

Баст у Фыдыбæстæйы Хъæхъхъæнæнджы бонимæ

Цæгат Ирыстоны райдыдта хъахъхъæнынады дзыллон мæйон. Баст у Фыдыбæстæйы Хъæхъхъæнæнджы бонимæ. Райдыдта Намысы Мемориалы. Кадджын мадазлы бацархайдтой ветеранты æхсæнады минæвæрттæ, патриотон организациты уæнгтæ, æфсæддонтæ æмæ республикæйы скъоладзаутæ. Се ппæт дæр дидинджытæ сæвæрдтой æнусон арты цур. Алы аз дæр ацы бонты активонæй арæзт фæцæуынц патриотон акцитæ, скъолаты та – тематикон уроктæ. Уым бæстон æрдзурынц Советон æмæ Уæрæсейаг æфсæдты хъæбатырдзинадыл. Фæсивæдæн радзурынц æфсæддон архайды тыххæй, æмæ сын бауарзын кæнынц æфсады службæ кæнын. Дзыллон мæйон саразджытæй иу у ДОСААФы республикон хайад. Æхсæнады бындурыл ма арæзт цæудзысты гом уроктæ студенттæн æмæ скъоладзаутæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania