филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:46 вторник, 16 декабря 2025
24 мая 2025, 10:08
Цæгат Ирыстоны райдыдта Иумæйаг Паддзахадон Фæлварæн дæттыны сæйраг æмгъуыд

Знон скъоладзаутæ иумæйаг паддзахадон фæлварæн лæвæрдтой химийæ, литературæйæ æмæ историйæ

Цæгат Ирыстоны райдыдта Иумæйаг Паддзахадон Фæлварæн дæттыны сæйраг æмгъуыд. Знон скъоладзаутæ иумæйаг паддзахадон фæлварæн лæвæрдтой химийæ, литературæйæ æмæ историйæ. Регионалон информацион системæйы хыгъды уыдысты 3942 адæймаджы, ацы азы 11-æмкъласонтæ, ивгъуыд азты рауагъдонтæ, астæуккаг профессионалон ахуырады, стæй Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Радон фæлварæн уыдзæн 27-æм майы уырыссаг æвзагæй. Нæ республикæйы байгом кодтой хатдзæгтæгæнæн аттестацийы 17 пункты. Профилон ведомствæйы куыд загътой, афтæмæй æппæтæй дзыллондæр фæлварæнтæ уыдзысты æнæмæнг дæтгæ предметтæй – уырыссаг æвзагæй æмæ бындурон математикæйæ. Æппæтæй парахатдæртæ æхсæнадзонынад стæй æрдзон-наукон предметтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania