филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:54 воскресенье, 01 февраля 2026
01 августа 2022, 11:19
Цæгат Ирыстоны райдыдта «Уæрæсейаг бинонтæн цæрæнуæттæ дæттыны» программæйы радон къæпхæн

Арæзтады министрады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй программæйы архайджытæн арæзтадон организаци ратдзæн 110 фатеры

Цæгат Ирыстоны райдыдта «Уæрæсейаг бинонтæн цæрæнуæттæ дæттыны» программæйы радон къæпхæн. Арæзтады министрады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй программæйы архайджытæн арæзтадон организаци ратдзæн 110 фатеры. Уыдзысты – иу, дыууæ æмæ æртæуатонтæ. Ног хæдзæртты арæзтад нысан кæнынц сентябры райдайын. Сæ æргътæ иу бынаты нæ лæудзысты, фæлæ ивдзысты, регионы æргътæм кæсгæйæ. Фæлæ, цыфæнды куы уа, уæддæр æххæст кæндзысты, æппæты разæй программæйы цы фæтк ныффидар кодтой, уый. Бæлвырддæр та – базарады æргътæй ацы хæдзæртты аргъ уыдзæн 20% къаддæр. Ныртæккæ арæзтады министрады цæуы адæмы гæххæттытæ исыны куыст. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, программæйы фыццаг къæпхæны архайджытæ систы 300 адæймаджы. Уыдон сæ ног фатертæ райсдзысты ацы азы кæрон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania