филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:28 воскресенье, 14 декабря 2025
05 августа 2025, 10:35
Цæгат Ирыстоны райдыдтой  Дæргъæвсы зæппæзты алыварс рацаразыны куыстытæ.

Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хæслæвæрдмæ гæсгæ территори æхгæд æрцыд, туристтæн та аразынц æртæ фæлгæсæн бынаты

Цæгат Ирыстоны райдыдтой  Дæргъæвсы зæппæзты алыварс рацаразыны куыстытæ. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хæслæвæрдмæ гæсгæ территори æхгæд æрцыд, туристтæн та аразынц æртæ фæлгæсæн бынаты. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Историкон-архитектурон комплекс бахъахъхъæныны тыххæй зæппæзтæм хæстæг бацæуæн нал ис. Ныр сæм бакæсæн уыдзæн цалдæр метры æддæдæр бынæттæй. Комплекс рæстæгмæ æхгæд æрцыд бæндæнæй. Фæстæдæр йæ  баивдзысты рæхысæй.

Дæргъæвсы зæппæзтæм бакæсынмæ туристтæ арæх цæуынц.  Цæгат Ирыстоны уæвгæйæ ардæм æнæ *рбацæугæ нæ фæвæййынц. Уæлдай цымыдисдæр чи вæййы, уыдон сæм иу æмæ дыууæ хатты нæ бабырысты мидæмæ .

Цæмæй хъахъхъæд æрцæуой, уый тыххæй раздæр рудзгуытыл сæвæрдтой хъæдæй конд æмбæрзæнæнтæ, ныр та  æхгæд æрцыд сæ алыварс территори.  Ацы комплекс у историон-архитектурон музей, æмæ  адæммæ зæппæзтæм хъуамæ уа, музейы экспонаттæм цы ахаст вæййы, ахæм: кæсæн сæм ис æнæ *вналгæйæ. Вера Вахрушева ссыд Мæскуыйæ. Фыццаг хатт ис Цæгат Ирыстоны. Йæхи дæсныйадмæ гæсгæ хорз æмбары, зæппæзтæм бацæуæн æхгæд кæй æрцыд, уый.

 Зæппæзты алыварс фæнд кæнынц афтæ рацаразын,  цæмæй уыцы иу рæстæг æнцонвадат уа туристтæн, фæлæ сæм хæстæг бацæуæн ма уа. Фæзындзæн дзы дардæй фæлгæсæн бынæттæ.

Зæппæзты алыварс æхгæд æрцыд республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хæслæвæрдмæ гæсгæ. Сæ фæзынд чидæртæ нымайынц рæсугъд легендæйыл. Республикæйы цæрджытæн та у историон ивгъуыд, цæсты гагуыйау хъахъхъæнын кæй хъæуы, ахæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania