филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:05 понедельник, 02 июня 2025
17 мая 2025, 10:38
Цæгат Ирыстоны райдыдтой сывæллæтты æмæ æвзонгдзинады 16-æм æфсæддон хъæзтытæ

Ацы хатт ерыстæ цæуынц дыууæ боны, æмæ дзы архайынц 900 спортсмены, 9 азæй 16 азы онг

Цæгат Ирыстоны райдыдтой сывæллæтты æмæ æвзонгдзинады 16-æм æфсæддон хъæзтытæ. Мадзал у æрвылазон. Ацы хатт ерыстæ цæуынц дыууæ боны, æмæ дзы архайынц 900 спортсмены, 9 азæй 16 азы онг. Нæ республикæмæ ссыдысты Уæрæсейы алы регионтæй æмæ Хуссар Ирыстонæй лæппутæ æмæ чызджытæ. Сæхи фæлварынц алы къабæзты: æфсады къуххæст, каратэ, джиу-джитсу, самбо, тхэквондо æмæ иннæ хуызты. Уæлахиздзаутæ Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæндзысты 17-æм æппæтуæрæсеон фæсивæдон хъæзтыты. Уыдон ацæудзысты сентябры Анапæйы. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ ацы ерыстæ баст сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы бонимæ. Уыимæ арæзт æрцыдысты, паддзахадон программæ «Физкультурæ æмæ спорты райрæзт» æххæст кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania