Кадджын хæрзиуæг ын радта регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйло
Цæгат Ирыстоны раздæры разамонæг Битарты Вячеслав хорзæхджынгонд æрцыд «Ирыстоны Намысы» орденæй, республикæйы социалон-экономикон стæй æхсæнадон-политикон рæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй. Кадджын хæрзиуæг ын радта регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Арæзт æрцыдысты компаниты къорд «Бавари»-йы 30 азы юбилейы кадæн мадзæлттæ. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй Битарты Вячеслав уыд фыццаг, ирыстойнаг бархионтæн сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæй баххуыс кæныны хъæппæрис кæмæ разынд, ахæм адæймаг. Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайкайы номæй, Битарты Вячеславæн раарфæ кодта æххæстбарджын минæвары æххуысгæнæг Айдамир Валиев. Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы номæй кады гæххæттытæ лæвæрд æрцыдысты компанийы кусджытæн. Сергей Меняйло ма бафиппайдта, компаниты къорд егъау æвæрæн кæй хæссынц регионы рæзтмæ. Бæрæгбоны мадзæлтты ма архайдтой республикæйы парламенты æмæ хицауады минæвæрттæ. Уыдон дæр юбиляртæн радтой æхсызгон хæрзиуджытæ.




