24 сентября 2019, 12:50
Цæгат Ирыстоны реконструкци скæндзысты 46 фельдшерон-акушерон пункты æмæ амбулаторийы
Куыстытæ цæудзысты 100 адæймагæй 200 –йы онг кæм цæры ахæм хъæуты
Цæгат Ирыстоны реконструкци скæндзысты 46 фельдшерон-акушерон пункты æмæ амбулаторийы. Куыстытæ цæудзысты 100 адæймагæй 200 –йы онг кæм цæры ахæм хъæуты. Пъланмæ гæсгæцалцæггæнæн куыстытæ хъуамæ райдайой иннæ азы райдиан. Ацы фарстайыл ныхас цыд Тускъаты Таймураз цы æмбырд сарæзта, уым. Архайдтой дзы сæрмагонд комитеттæ, службæтæ æмæ муниципалон скондты сæргълæуджытæ. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ацы мадзал хъуамæ хорзырдæмæ фæзына медицинон фыццаг æххуысыл.