филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:15 суббота, 28 сентября 2024
23 июля 2020, 12:36
Цæгат Ирыстоны сæ куыст сног кодтой сывæллæтты рæвдауæндæттæ

Алы райсом дæр хъомылгæнинæгтæн сбарынц сæ буары тæвд, стæй сæххæст кæнынц æндæр санитарон мадзæлттæ

Ацы цаумæ, зæгъæн ис, æмæ 4 мæйы æнхъæлмæ кастысты, куыд сабитæ, афтæ сæ ныййарджытæ дæр. Цæгат Ирыстоны сæ куыст сног кодтой сывæллæтты рæвдауæндæттæ. Æрмæст сæ фæткы æрцыдысты ивддзинæдтæ. Алы райсом дæр хъомылгæнинæгтæн сбарынц сæ буары тæвд, стæй сæххæст кæнынц æндæр санитарон мадзæлттæ. Æрвылбон дезинфекцион куыст бакæнынц æппæт бæстыхæйтты дæр.

Сывæллæтты рæвдауæндонмæ балц бæрæгбоны хуызæн. Ацы бонмæ зæрдиагæй, зæгъæн ис, æмæ 4 мæйы, æнхъæлмæ кастысты куыд сабитæ, афтæ сæ ныййарджытæ дæр. Пандемияйы рæстæг Къумехты Регинæйæн æндæр гæнæн нæ уыди, æмæ уыцы-иу рæстæг касти йæ фондз сывæллонмæ. Ацы бон та бирæсывæллонджын мад рæвдауæндонмæ æрбакодта йе ртæ кæстæры.

Алыхуызон хъæзтытæй йæхи ирхæфсгæйæ 6-аздзыд Лерæйæн фадат фæци йе мбæлттимæ кæрæдзи ногæй фенынæн. Гыццыл чызг куыд зæгъы, афтæмæй сыл сæнкъарди. Фæлæ та, раздæрау, раджы стын ахуыр нал у. Уæдæ ахуыр нæу райсомæй буары тæвд барыныл æмæ къухтæ дезинфекци кæныныл. Уыимæ уыдæттыл дæр разы у, йæ уарзон рæвдауæндоны уæвгæйæ.

Ацы рæвдауæндон та пандемияйы рæстæг дæр куыста. Бæлвырддæр та дзы гом уыдысты радхæссæг къордтæ. Фæлæ се рвылбоны фæткмæ раздæхыныл бацин кодтой сæ хъомылгæнинæгты хуызæн. Рæвдауæндон ифтонг у æппæт æмбæлгæ æдасдзинады мадзæлттæй.

360 сабийæ пандемияйы фæстæ фыццаг бон рæвдауæндонмæ æрбацыд хъомылгæнинæгтæн сæ 50 проценты. Куыстуаты сæ зæрдæ дарынц, бонæй-бонмæ сывæллæтты нымæц фылдæр кæй кæндзæн, ууыл. Къордтæ сты цæттæ. Бæстыхæйттæ алы бон дæр цæуынц дезинфекцигонд.

Нырма уал се ппæт рæвдауæндæттæ не скуыстой. Иуæй-иуты цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы 34-æм рæвдауæндон йæхи цæттæ кæны йæ хъомылгæнинæгтæн дуæрттæ байгом кæнынмæ. Ам кæронмæ æрхæццæ хæрæндоны цалцæг.

Баивын ма хъæуы хъармгæнæн системæ. Иннæ хъуыддæгтæ рæвдауæндоны бакæндзысты сæхи хъарутæй. Аивгæнæн куыстытæ нысан кæнынц августы кæронмæ фæуын.

Дзæуджыхъæуы ма цалцæг цæуы дыууæ рæвдауæндоны. Ацы бонты кусын райдыдтой Мæздæджы æмæ Дыгуры районты рæвдауæндæттæ. Æрæфы районы байгом уыдзысты 27-æм июлы, Рахизфарсы – августы астæу. Иннæ рæтты та хъуамæ сæ дуæрттæ байгом кæной 1-æм августы. Сентябры райдиан Цæгат Ирыстоны скъолайы агъоммæ куыстуæттæ се ппæт дæр хъуамæ уой цæттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania