Марафоны фæлгæты Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академиеон театр баиу кодта алы регионты актерты.
Цæгат Ирыстоны сæйраг сахары æрцыд 2 ахсджиаг культурон цауы – Æппæт адæмон фестиваль «Мариинаг-Дзæуджыхъæу» æмæ æппæтуæрæсейон тетаралон марафон.
Марафоны фæлгæты Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академиеон театр баиу кодта алы регионты актерты. Алчи дæр дзы тетардзауы ахуыдта йæ регионы культурæ æмæ традицитæм. Ирд уæлæдарæс, зæрдæскъæфæн актерон хъаст æмæ ныхасы уæг, алчи дæр сæ хицæн кодта йæ курдиатæй. Сфæлдыстадон бæрæгбонæн æвдисæн уыдысты бæрнон уазджытæ – Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Ольга Голодец, Цæгат Кавказы хъуыддæгты мнитср Сергей Чеботарев æмæ нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав.
Дзæуджыхъæуы Хуссар Федералон зылды гастролон эстафетæйы кадджын мадзал. Сæйраг темæ – Цæгат Кавказы федералон зылды «Национ театрты» марафон саразын. Æппæтуæрæсейон театралон марафон 18-æм январы райдыдта Владивостокы. Уыцы рæстæгмæ дзы Уæрæсейы 70 регионæй архайдта 113 театры. 500 милуанæй фылдæр адæймаджы бабæрæг кодтой, æмæ онлайны фæрцы федтой алы жанрты 170 спектаклы. Организацион комитеты сæргълæууæг Ольга Голодец куыд загъта, афтæмæй ахæм æмвæзады театралон марафон Уæрæсейы культурæйы къабазмæ раздахдзæн мингай адæмты æргом.
Марафон цæуы эстафетæйы хуызы. Горæтæй – горæтмæ, театрæй – театрмæ, бæстæйы скæсæнæй ныгуылæнмæ. Марафоны сæрмагонд символ лæвæрд цæуы фысым регионмæ. У статуэткæйы хуызы, ирдæй дзы зыны рагон грекъаг амфитеатр, стæй Уæрæсейы 85 регионы гербтæ. Символы автор у Уæрæсейы адæмон нывгæнæг Андрей Ковальчук. Марафоны фæлгæты Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон академион театры кусынц Цæгат Кавказы федералон зылды регионты театралон фæзтæ. Се хсæн – Цæгат Ирыстоны, Дагестаны, Мæхъæлы, Кæсæг-Балхъары, Цæцæны республикæйы æмæ Стъараполы крайы минæвæрттæ.
Марафоны сæрмагонд программæмæ хауынц дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, æмæ Уæрæсейы зындгонд аивадон кусджытимæ сфæлдыстадон фембæлдтытæ.
Дзæуджыхъæуы уазджытæ бабæрæг кодтой 5-æм гимназ дæр. Ам ахуыр кодтой Евгений Вахтангов æмæ Гергиты Валерий.




