Ныртæккæ нæ республикæйы сæрдыгон лагерьты æмæ Сау денджызы был сæ фæллад уадзынц 2 мин сывæллонæй фылдæр.
Цæгат Ирыстоны сæрдыгон-дзæбæхгæнæн кампани цæуы, куыд æмбæлы, афтæ.
Ныртæккæ нæ республикæйы сæрдыгон лагерьты æмæ Сау денджызы был сæ фæллад уадзынц 2 мин сывæллонæй фылдæр. Уый тыххæй ныхас цыд хицауады ведомствоты хсæн къамисы æмбырды. Амыдта йæ вице-премьер Азымты Иринæ. Къамисы уæнгтæ æрæмбырд вæййынц мæй иу хатт, цæмæй бæстон æрдзурой ацы фарстайыл. Æмбырды архайдтой фæллойы æмæ социалон рæзты министрады специалисттæ. куыд радзырдтой, афтæмæй 1-æм августы онг баулæфыдысты 17 мин сывæллоны. Уыимæ ма ахуыры азы райдианмæ нысан кæнынц ноджыдæр иу фæлтæр арвитын фæллад уадзынмæ. Къамисы уæнгтæ стыр æргом аздæхтой æдасдзинады домæнтæм. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ куыстуæттæн цы амынддзинæдтæ радтой, уыдон се ппæт дæр бахынцтой, æмæ сæ сæххæст кодтой. Азымты Иринæ куыд загъта, афтæмæй ацы хъуыддаджы хъæуы уæлдай бæрнон уæвын. Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг Управленийы кусджытæ ацы аз бакодтой 110 бæрæггæнæн куысты. Афтæмæй федтой, лагерьты санитарон-эпидемиологон домæнтæ куыд æххæстгонд æрцыдысты, уый. Ацы фарстайы фæдыл бæстон доклад скодта Управелнийы разамонæджы хæдивæг Къаболаты Заремæ. Специалисттæ æркастысты хойраджы продуктты хæрзхъæддзинадмæ, техникон кусæнгæрзты уавæрмæ æмæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгтæм. Цы аиппытæ ссардтой, уыдоны тыххæй ивартæ фыст æрцыдысты 250 мин сомæн. Профцæдисты сæрдар Касаты Таймуразы та фæндыд базонын, Цæгат Ирыстонæй Сау денджызы сæ фæллад чи уадзы, уыдонæн цавæр уавæртæ конд æрцыд, уый. Æмæ райста дзуапп, сывæллæтты денджызмæ арвитыны размæ бæстон бæрæггæнæн куыст конд кæй æрцыд.




