13 июня 2023, 11:22
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг, 14 азы цы скъоладзаутыл сæххæст, уыдонæн кадджын уавæры радта паспорт
Ахуыры, сфæлдыстадон мадзæлтты, спорты æмæ æхсæнадон царды иттæг хорз бæрæггæнæнтæ кæмæн уыд, уыцы 30 лæппуйы æмæ чызджы Сергей Меняйлойæ райстой паспорттæ æмæ арфæйы ныхæстæ
Уæрæсейы боны кадæн нæ республикæйы арæзт æрцыдысты алыхуызон мадзæлттæ. Æрвылазон традицимæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг, 14 азы цы скъоладзаутыл сæххæст, уыдонæн кадджын уавæры радта царды сæйраг гæххæт – паспорт. Ахуыры, сфæлдыстадон мадзæлтты, спорты æмæ æхсæнадон царды иттæг хорз бæрæггæнæнтæ кæмæн уыд, уыцы 30 лæппуйы æмæ чызджы Сергей Меняйлойæ райстой паспорттæ æмæ арфæйы ныхæстæ. Республикæйы сæргълæууæг сын радзырдта, æвдисæндары хицаумæ цы хæстæ хауы, уыдоны тыххæй. Фæсивæдæн мадзал у сæ царды сæйрагдæр цаутæй иу.
темæмæ гæсгæ