филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:03 суббота, 31 января 2026
15 июля 2019, 17:00
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав радон хатт федта Хетæгкаты Къостайы номыл парчы рацарæзты куыстытæ куыд цæуынц, уый

Рацарæзты куыстытæ цæуынц, нæ республикæйы сæрмагонд федералон проект «Горæты æнцонвадат архайд» æххæст кæнгæйæ. 2019-æм азы райдыдта йæ дыккаг къæпхæн.

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав радон хатт федта Хетæгкаты Къостайы номыл парчы рацарæзты куыстытæ куыд цæуынц, уый.
Рацарæзты куыстытæ цæуынц, нæ республикæйы сæрмагонд федералон проект «Горæты æнцонвадат архайд» æххæст кæнгæйæ. 2019-æм азы райдыдта йæ дыккаг къæпхæн. Объект бабæрæг кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барисимæ, архитектурæйы Комитеты сæргълæууæг Цæллагкаты Алыксандримæ, стæй подрядон организацийы минæвæрттимæ. Специалисттæ радзырдтой, ныртæккæ цавæр куыст цæуы, уый тыххæй. Куыд загътой, афтæмæй æппæт хъарутæ баиу кодтой парчы историон хай бахъахъхъаныныл. Авторты хъуыдымæ гæсгæ дзы сног кæндзысты ивгъуыд æнусы хуыз. Бæлвырддæр та бакусдзысты фонтантыл æмæ революцийы агъоммæ арæзт асинтыл. Уымæй дарддæр архитектортæ ивддзинæдтæ бахастой сæрдыгон эстрадæйы рацарæзты проектмæ. Ацы фæз суыдзæн уæрæхдæр, æмæ ма дзы фæзындзæн тезгъогæнæн аллейæ. Битарты Вячеслав аразджыты ргом аздæхта куыстыты мгъуыдмæ æмæ сæ хæрзхъæддзинадмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania