филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:24 понедельник, 06 мая 2024
06 августа 2019, 12:00
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд Горæтгæрон районы разамонæг Гаглойты Аланимæ

Бæстон ныхас цыд муниципалон сконды социалон-экономикон рæзтыл.

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд Горæтгæрон районы разамонæг Гаглойты Аланимæ. Бæстон ныхас цыд муниципалон сконды социалон-экономикон рæзтыл.

Республикæйы разамонæг бафарста, район 2020-æм азмæ нысанмæ арæзт федералон программæты архайынæн йæхи куыд бацæттæ кодта, стæй, ныридæгæн чи райдыдта, уыцы проекттæ царды куыд уадзынц, уый тыххæй. Гаглойты Алан фехъусын кодта, Тарскæйы кусын кæй райдыдта ног амбулатори. Бонмæ балæггад кæны 50 адæймагæн. Ныртæккæ та йæ байгом кæнынмæ æнхъæлмæ кæсы Сунжæйы амбулатори. Уым та бонмæ уыдзæн 100 пациентæн балæггад кæнын. Медицинон куыстуат ифтонг у нырыккон кусæнгæрзтæй æмæ хъæддзаумайæ. Фыццаг сабиты ацы аз суазæг кæндзысты дыууæ рæвдауæндоны Ир-Восходы æмæ Дачнæйы хъæуты. Ныхас ма цыд, федералон программæ «Æнцонвадат архайд» куыд æххæстгонд цæуы, ууыл. Ацы азы октябры онг нысангонд цæуы Октябрьскæйы парчы рацарæзты фыццаг къæпхæн фæуын. Ныридæгæн ивынц къахвæндæгтæ, парчыуылты цæуæг коммуникацитæ, стæй дзы æвæрынц къæйдуртæ. Уымæй дарддæр, программæ «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ» æххæст кæнгæйæ, сцалцæг кæндзысты Октябрьскæйы æмæ Михайловскæйы дыууæ уынджы. Уæвгæ та районы разамынды раз лæууы, национ проекттæ сæххæст кæныны ахсджиаг хæс, -а загъта Гаглойты Алан.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Черменыхъæуы 2020-21-æм азты нысан кæнынц ног скъола саразын. Стæй ма социалон-экономикон рæзты пълан æххæст кæнгæйæ Майскæйы сараздзысты амбулатори 50 рынчынæн бонмæ. Куырттаты та фæзындзæн фельдшерон-акушерон пункт. Битарты Вячеслав йе ргом аздæхта муниципалон бюджеты æфтиæгты хай фæфылдæр кæнынмæ. Уымæн æмæ Горæтгæрон районæн ацы хъуыддаджы хорз бæрæггæнæнтæ ис, æмæ ахæм куыст хъæуы дарддæр дæр æххæст кæнын, загъта республикæйы разамонæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania