Цехтæй иуы арæзт æрцыд ног проукцийы презентаци
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло бабæрæг кодта завод «Кристалл». Цехтæй иуы арæзт æрцыд ног проукцийы презентаци. Куыстуаты специалисттæ райдыдтой æнæ туаггуырæй æрхуыйы куыст кæнын. Раздæр æй ластой фæсарæнтæй, ныр та йæ уадзын райдыдтой Уæрæсейы территорийы. Заводы хъомыс у мæймæ 150 тоннæйы уадзын. Уый та нæ бæстæйы базарадæн фаг у уæлдайджынтæй. Сергей Меняйло заводы генералон директор Владимир Матюшкоимæ æркастысты фæзмæ æмæ кусæнгæрзтæм, æрныхас кодтой заводы дарддæры рæзтыл. Куыд бафиппайдтой, афтæмæй куыстуаты хъомы рæзы. Продукцийæ парахатæй пайда кæнынц хъахъхъæнынады къабазы æмæ радиоэлектрон промышленносты. Регионы разамонæг куыд загъта, афтæмæй металлургон промышленносты æмæ æндæр къабæзты нæ бæстæйы продукцийæн ис стыр ахадындзинад. Журналисттæн ма фехъусын кодта, августы кæронмæ завод «Кристалл» кæй райсдзæн уæлæмхасæн кусæнгæрзтæ. Уый фæфылдæр кæндзæн «Кристалл»-ы хъомыс. Цы æрхуы уадзынц, уый Уæрæсейы у иунæг, абарæн æй ницæимæ ис.




