Амыдта йæ Уæрæсейы Хицауады сæрдары хæдивæг Дмитрий Чернышенко
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло видео-конференцийы хуызы архайдта сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Уæрæсейы Хицауады сæрдары хæдивæг Дмитрий Чернышенко. Ныхас цыд ацы азы сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанийы хатдзæгтыл. Æмбырды архайдтой федералон æмæ регионалон хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ, дзæбæхгæнæн къабазы эксперттæ. Вице-премьер куыд загъта, афтæмæй ацы аз иннæ азтимæ абарæн нæй. Уымæн æмæ уыцы-иу рæстæг сæ юбилейтæ сбæрæг кодтой æртæ федералон центры: «Артек»-ыл сæххæст 100 азы, «Орленок»-ыл – 65 азы, «Сменæ»-йыл та 40 азы. Дмитрий Чернышенко се ппæты ргом аздæхта, Паддзахадон Думæимæ куысты фæрцы кæй бакуыстой федералон программæйыл хъомыладон куысты фæдыл. Нæ бæстæйы хицауад федералон ведомствотимæ æмæ регионтимæ кæны æнгом æмархайд. Сæйрагдæр у сывæллæтты хæрзхъæд æмæ æдас фæлладуадзæн рæстæг. 2023-æм азæй фæстæмæ æххæстгонд цæуы сывæллæтты лагерьты рацарæзты программæ. Федералон бюджетæй радих кодтой 8 миллиард сомы. Программæ æххæстгонд цæуы 60 субъекты. Ацы за Цæгат Ирыстоны сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанийы архайдтой 23 мин сывæллоны. Уый фаронимæ абаргæйæ у 15% фылдæр. Уæлдай æргом аздæхтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ, Уæрæсейы ног регионтæй нæ республикæмæ фæллад уадзынмæ чи рбацыд, уыцы сывæллæттæм.




