Разамынд ын лæвæрдта УФ-йы хицауады сæрдары хæдивæг Дмитрий Чернышенко. Йæ ныхæстæм гæсгæ, национ проекты æххуысæй фæлладуадзыны къабазы æргътæ хъуамæ снывыл уой. Фыццаградон хæстæ сты туризмы рæзты æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын, туристон балцытæй æфтиаг фæфылдæр кæнын, туристон лæггæдты экспорт фаронимæ абаргæйæ 3 хатты фæбæрзонддæр кæнын. Национ проект æххæст кæныны мадзæлттæн федералон бюджетæй дихгонд æрцыди 200 млрд сомы.
Бæстæйы туристон балцытæ 2020-æм азы уыди 45 милуанмæ хæстæг, фарон та æфтиæгтæ схæццæ сты 85 милуан сомы онг. Ацы аз æнхъæлмæ кæсынц 92 милуан туристон балцмæ, загъта вице-премьер. Ацы азы фыццаг æмбисы бизнесы æфтиаг уыди 377 млрд сомы, уый фаронимæ абаргæйæ у 60% фылдæр. Министры ныхæстæм гæсгæ, декабры расиддзысты конкурс, модулон фысымуæтты аразыны программæйы фæлгæты. Ацы хъуыддагæн радих кæндзысты 15 млрд сомы. Дмитрий Чернышенко загъта, зæрдæ кæй дарынц, туризмы рæзт ацы аз ноджыдæр кæй фæтагъддæр, ууыл.




