филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:21 среда, 04 июня 2025
24 мая 2025, 09:59
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд, æнæнхъæлæджы уавæртæй бахизыны фæдыл къамисы æмбырд

Ныхас цыд æппæт сезонты кусæг туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы æдасдзинадыл

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд, æнæнхъæлæджы уавæртæй бахизыны фæдыл къамисы æмбырд. Ныхас цыд æппæт сезонты кусæг туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы æдасдзинадыл. Зымæджы агъоммæ  курорты территорийы хъæуы зынгсирвæзтыты ныхмæ службæйы хайад саразын. Уымæй дарддæр ахсджиаг у профессионалон аварион-ирвæзынгæнæн иугонд скæнын æмæ йын аттестаци саразын. Сергей Меняйло туристон сезоны райдианмæ  бабар кодта, Мамысонмæ цæуæг фæндаджы æдасдзинадыл бакусын. Къамисы уæнгтæ ма æрныхас кодтой найæн сезоны æдасдзинадыл дæр. Районты сæргълæуджытæн бабар кодтой, адæм сæ фæллад кæм уадзынц, уыцы доны объектты ифтонгдзинадыл бакусын. Бæлвырддæр та дзы æмбæлгæ нысантæ, æмæ пляжты патрультæ сæвæрын. Иннæ ахсджиаг фарста баст уыд сывæллæтты сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампаниимæ, стæй ахуыргæнæндæттæ ног ахуыры азмæ бацæттæ кæнынимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania